Поздравления на осетинском с днем рождения

Дæ гуырæнбоны хорзæх дæ уæд!
Перевод на русский язык:
С Днем Рождения!

Поздравления с днем рождения на осетинском языке

Мæ уарзон! Абон у дæ гуырæнбон, æмæ дын зæрдиагæй арфæтæ кæнын — æнæнизæй, æнæмастæй, хъæлдзагæй дæ цард куыд арвитай, Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд! А дунейы цы хорздзинæдтæ и, уыдонæй хайджын у! Æмæ зон — мæ уарзондзинад, мæ зæрдæйы хъарм тавдзысты дæ алкæддæр.
Перевод:
Мой любимый! Сегодня твой днем рождения, и я тебя сердечно поздравляю — в здоровье, без печалей, весело чтобы ты провёл свою жизнь, такое благословение пусть даст тебе Бог! В этом мире какие блага есть, пусть ими ты будешь наделён! И знай — моя любовь, тепло моего сердца будут греть тебя всегда.

Мæ зынаргъ хæлар! Дæ райгуырæн боны дын арфæ кæнын! Æххуысгæнæг дын уæнт Ирыстоны Зæдтæ, балæвар дын кæнæнт уæ хæхты хуызæн фидардзинад, æнæниздзинад. Дæ царды хайджын у стыр денджызау æнæкæрон амондæй, уалдзæгон хуры тынтау дæ батавæд уарзондзинад. Бирæ азты дæргъы у, абон дæ цы зæрдæхæларæй, хъæлдзæгæй, æмгаруарзонæй зонын, ахæмæй. Зымæг нæ къæсæрыл, фæлæ дын ныфс дæттын, æмæ дыл хъыстзаманы дæр æндавдзæнис мæ зæрдæйы арт. Рухс дын кæндзæнис мæ уарзондзинады стъалы. Бавæр дæ рæсугъд, кæлæн зарæггæнæджы куырдиат.
Перевод:
Мой дорогой друг! Поздравляю тебя с днем рожденья! Пусть будут тебе помощниками Святые Осетии, пусть подарят тебе подобную вашим горам крепкость (силу), здоровье. В [твоей] жизни будь наделен бескрайним как море счастьем, пусть подобно лучам весеннего солнца согреет тебя любовь. Долгие годы будь, сегодня каким доброжелательным/добродушным, веселым, дружелюбным тебя знаю, таким. На пороге (у нас) зима, но уверяю тебя, что и в стужу будет тебя греть огонь моего сердца. Будет тебе светить моей любви звезда. Береги свой красивый, чарующий певческий талант.